Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 1:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 1:19
8 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Цы дын раргом кӕнон, уый-иу къӕйдуртыл дзӕбӕх ныффысс, чи йӕ кӕса, уый йӕ ӕнцонӕй куыд равзара, афтӕ.


Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.


Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».


Ӕз акастӕн фӕстӕмӕ, чи мӕм дзуры, уый фенон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куы акастӕн, уӕд федтон авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны,


Авд ӕрвнӕрды дзуапп куы радтой, уӕд ӕз хъуамӕ бавнӕлдтаин фыссынмӕ. Фӕлӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд ӕрвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн, ма йӕ ныффысс».


Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan