15 Йӕ къӕхтӕ ӕрттывтой, пецы чи сзынг, ахӕм ӕрхуыйау, Йӕ хъӕлӕс та нӕрыд стыр ӕхсӕрдзӕнау.
Сӕ ныхӕстӕ — къӕйных, сӕ фыдракӕндтӕй ӕппӕлынц.
Ӕмбухынц дзыллӕтӕ, знӕт фурды уылӕнтау. Фӕлӕ сӕм Хуыцау бартхъирӕн кодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фесты дардмӕ, дымгӕ зыгуымы муртӕ хӕхтыл куыд ахӕссы, зилгӕ уад рыг куыд сыздухы, уыйау.
Куы-иу рацӕйцыдысты, уӕд-иу сын ӕз сӕ базырты уынӕр хъуыстон денджызы уынӕрау, Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсау, хӕстон асадӕны тохы хъӕрау. Куы-иу ӕрлӕууыдысты, уӕд-иу сӕ базыртӕ ӕруагътой.
Сӕ къӕхтӕ уыдысты ӕмраст, сӕ къахы фадтӕ — стуры фадты хуызӕн, цӕхӕр сын калдтой ӕрттиваг ӕрхуыйау.
Ӕмӕ мӕ бакодта уырдӕм. Уым кулдуары раз лӕууыди иу лӕг: йӕ уынд — ӕрттиваг ӕрхуыйау, йӕ къухты — гӕнӕй быд бӕндӕн ӕмӕ барӕн хъил.
Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.
йӕ гуыр — налхъуыт-налмасы ӕнгӕс, йӕ цӕсгом та ӕрвӕрттывдау цӕхӕртӕ калдта. Йӕ цӕстытӕ уыдысты арты ӕвзӕгтау, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — ӕрттиваг ӕрхуыйау. Куы сдзырдта, уӕд йӕ хъӕлӕс уыди дзыллӕйы уынӕрау.
Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс. Ӕз кӕй фехъуыстон, уыцы хъӕлӕс уыди, фӕндырдзӕгъдджытӕ цыма сӕ фӕндыртӕй цагътой, уый хуызӕн.
Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!
Фиатирӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Хуыцауы фырт, Йӕ цӕстытӕ пиллон артау Кӕмӕн сты, Йӕ къӕхтӕ зынг ӕрхуыйау Кӕмӕн ӕрттивынц, Уый: