14 Йӕ сӕрыхъуынтӕ митау уыдысты урс-урсид, урс къуымбилы ӕнгӕс. Йӕ цӕстытӕ — пиллон артау.
йӕ гуыр — налхъуыт-налмасы ӕнгӕс, йӕ цӕсгом та ӕрвӕрттывдау цӕхӕртӕ калдта. Йӕ цӕстытӕ уыдысты арты ӕвзӕгтау, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — ӕрттиваг ӕрхуыйау. Куы сдзырдта, уӕд йӕ хъӕлӕс уыди дзыллӕйы уынӕрау.
Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,
Уый уыди арвӕрттывды ӕнгӕс, йӕ дарӕс — урс-урсид митау.
Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон арты ӕнгӕс, Йӕ сӕрыл — бирӕ кады худтӕ. Йӕ уӕлӕ фыст ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, уыцы ном.
Фиатирӕйы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Хуыцауы фырт, Йӕ цӕстытӕ пиллон артау Кӕмӕн сты, Йӕ къӕхтӕ зынг ӕрхуыйау Кӕмӕн ӕрттивынц, Уый: