Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 1:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 ӕмӕ цыма цырагъдарӕнты хсӕн лӕууы чидӕр — Адӕймаджы фырты ӕнгӕс. Йӕ уӕлӕ — даргъ дарӕс, Йӕ гуыр — сыгъзӕрин ронӕй ӕлвӕст.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 1:13
15 Iomraidhean Croise  

Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр скодтой, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон, иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.


Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти.


Ноджы ма мӕ фыны федтон: чидӕр Адӕймаджы Фырты хуызы ӕврӕгътыл ӕрцӕйцыди. Куы ӕрбахӕстӕг, уӕд Ӕй Ӕнусты Цӕрӕджы размӕ бакодтой.


Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,


Аароныл скодта хӕдон ӕмӕ йын ӕй ронӕй ӕрбабаста. Уый фӕстӕ йыл скодта пӕлӕз, уый ӕдде та — раздарӕн, астӕубосӕй йӕ ӕрбалвӕста.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Ӕз скастӕн ӕмӕ федтон урс ӕврагъ ӕмӕ ӕврагъыл — Чидӕр, адӕймаджы хуызӕн. Йӕ сӕрыл — сыгъзӕрин кады худ, Йӕ къухы — цыргъ ӕхсырф.


Гӕн хъуымацӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттивгӕ дарӕсы, сӕ риутыл сыгъзӕрин рӕттӕ, афтӕмӕй Кувӕндонӕй рацыдысты авд зӕды — авд рынимӕ.


Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan