12 Ӕз акастӕн фӕстӕмӕ, чи мӕм дзуры, уый фенон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куы акастӕн, уӕд федтон авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны,
Цырагъдарӕнӕн скӕн авд цырагъы ӕмӕ йыл сӕ ӕрӕвӕр, цӕмӕй йын рухс кӕной йӕ раз.
Бецалел ын скодта авд цырагъы, стӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕртыскӕн ӕмӕ фыййӕгтӕ.
Дунедарӕджы хъӕлӕс сиды сахармӕ (куырыхон зонды нысан — тас Дӕ номы раз): хъусут лӕдзӕгмӕ, стӕй, Чи йӕ сӕвӕрдта, Уымӕ.
Бафарста мӕ: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Уынын сыгъзӕрин цырагъдарӕн, йӕ цъуппыл — сойы кӕхц, уый сӕрмӕ — авд цырагъы, алы цырагъыл дӕр — авд хӕтӕлы.
ӕмӕ цыма цырагъдарӕнты хсӕн лӕууы чидӕр — Адӕймаджы фырты ӕнгӕс. Йӕ уӕлӕ — даргъ дарӕс, Йӕ гуыр — сыгъзӕрин ронӕй ӕлвӕст.
Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.
Мӕ рахиз къухы кӕй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стӕй авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад ахӕм у: авд стъалыйы сты авд аргъуаны зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та — авд аргъуаны.
Эфесы аргъуаны зӕдмӕ ныффысс: „Йӕ рахиз къухы авд стъалыйы Чи дары, авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны ӕхсӕн Чи цӕуы, Уый афтӕ зӕгъы:
Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».