Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕргомад 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕргомад 1:1
30 Iomraidhean Croise  

Улайы доны астӕуӕй мӕм адӕймаджы хъӕлӕсӕй ӕрбадзырдӕуыд: «Гавриил, ацы лӕгӕн, йӕ фын цы амоны, уый бамбарын кӕн».


Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.


Куыддӕр кувын ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтай, афтӕ дын Хуыцау дӕ куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау бирӕ уарзы. Уӕдӕ ацы уац ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн бамбар.


Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи номӕй нӕ дзырдтон: цы зӕгъон ӕмӕ цы дзурон, уый Мын Мӕ рарвитӕг Фыд бафӕдзӕхста,


Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар, йӕ хицау цы кусы, уый нӕ фӕзоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз схуыдтон Мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уын раргом кодтон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.


Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.


Уый, Йӕхӕдӕг цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уыдӕтты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн, фӕлӕ Йын Йӕ ныхасыл ничи ӕууӕнды.


Мӕ бон у сымах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зӕгъын ӕмӕ уын стӕрхон кӕнын. Фӕлӕ Мӕ Рарвитӕг ӕцӕгдзинад дзуры, ӕмӕ Ӕз, Уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр уый дзурын дунейӕн».


Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта.


Уӕлдӕр цыбырӕй куыд фыстон, афтӕмӕй мын Хуыцау раргом кодта Йӕ сусӕгдзинад.


Павелӕй, Хуыцауы цагъар ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй, нӕ иумӕйаг уырнындзинады ме ’цӕг фырт чи у, уыцы Титмӕ. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ


Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.


Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос кӕй хонынц, уыцы сакъадахмӕ.


Ӕмӕ авд кӕхцы кӕмӕ уыд, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын ӕз фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймӕ цы ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.


Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».


Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».


Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.


Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».


Зӕд мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Бардарӕг Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ».


Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз.


Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де ’фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй, ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се ’мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув».


Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».


Уӕрыкк ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухӕй райста тухгӕ чиныг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan