Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 9:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕдзӕсгомӕн зонд чи амона, уый йӕхи сӕгад кӕндзӕн; ӕнӕхуыцауы азымджын чи кӕна, уый йӕхи фӕхудинаг кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 9:7
13 Iomraidhean Croise  

Илийайы куы ауыдта, уӕд ын загъта: «Уый ды дӕ, Израилы адӕмы бӕллӕхы чи баппӕрста, уый?»


Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.


Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы уӕлхъус балӕууыд, йе ’хсӕрфарс ын ныццавта ӕмӕ йыл фӕхъӕр ласта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕу уылты райдыдта дзурын?»


Зӕгъут сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ бакӕнут ӕмӕ йын мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхон, уӕдмӕ“».


Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.


Тӕхудиаг у, Хуыцау зонды къахыл кӕй ӕвӕры, уый, уымӕ гӕсгӕ Ӕппӕтхъомысы ’фхӕрдыл дӕхи ма тигъ кӕн.


Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы, ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.


Ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕ нӕ уарзы, куырыхонтӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.


Зондцухӕн мацы дзур — дӕ зондджын ныхӕстыл дын ӕрмӕст фӕхуддзӕнис.


Иууылдӕр ӕм хъуыстой ӕнӕ хъыпп, ӕнӕ сымӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan