6 Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»
зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ баурӕдта хӕстытӕ, ныссаста ӕрдынтӕ, ӕрцытӕ ныцъцъӕл кодта, тохуӕрдӕттыл арт бафтыдта.
Зондамындмӕ чи хъусы, уый царды фӕндагыл цӕуы, уайдзӕфтӕ чи ницӕмӕ дары, уый фӕдзӕгъӕл уыдзӕн.
Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
Мӕ лӕппу, хъусгӕ кӕн ӕмӕ куырыхон у, дӕ зӕрдӕ раст фӕндагмӕ сараз.
Ӕз дын уӕлзонды фӕндаг бацамондзынӕн, раст фӕндагыл дӕ акӕндзынӕн.
Чи мӕ ссардта, уый схайджын ис цардӕй ӕмӕ Дунедарӕджы хорзӕх айсдзӕни.
Мемӕ, Уӕлзондимӕ, дӕ царды бонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты, дӕ азты нымӕцыл бафтдзӕнис.
цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайой ӕмӕ ӕххӕст кӕной Ме ’гъдӕуттӕ. Уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та уыдзынӕн сӕ Хуыцау.
Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.
«Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни.
Петр сын дзырдта бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм сидти: «Уӕхи бахизут ацы хӕлд фӕлтӕримӕ фесӕфынӕй».
Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.