17 «Давӕггаг дон адджындӕр у, давд кӕрдзын — бирӕ хӕрзаддӕр!»
Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.
Сайӕн миты фӕрцы цы хойрагыл фӕхӕст уай, уый хӕрзад вӕййы, фӕлӕ фӕстӕдӕр дӕ дзых змисӕй байдзаг уыдзӕн.
Хъахбайы фӕндаг ахӕм у: бахӕры, йӕ былтӕ ныссӕрфы ӕмӕ фӕзӕгъы: «Ӕз ӕвзӕрӕй ницы ракодтон».
Дӕ дӕттӕ уынгты цӕмӕн хъуамӕ акӕлой, фӕзты лӕсӕнтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕной?
Дӕхи донгуырӕн арфӕгонд уӕд, де ’рыгон бонтӕй дын цы бинойнаг ис, ууыл цин кӕн.
Фӕлӕ тӕригъӕдӕн фӕдзӕхсты фӕрцы фадат фӕци, ӕмӕ мӕм райгуырын кодта алы мондӕгтӕ. Тӕригъӕд та ӕнӕ Ӕгъдауӕй мард у.
Уымӕн ӕмӕ, уыдон сусӕгӕй цы кӕнынц, уыдӕттӕн суанг сӕ кой дӕр худинаг у.