10 Хуыцауӕй тӕрсын — куырыхон зонды райдиан, Уаз Хуыцауы базонын — ӕмбаргӕ зонды ӕвдисӕн.
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».
Ӕнӕхуыцау ӕм хӕлӕгӕй мӕлдзӕн, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ баруайдзӕн. Ӕнаккӕгты фӕндиӕгтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты!
Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.
Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.
уӕд Дунедарӕгӕй тӕрсын цы нысан кӕны, уый бамбардзынӕ, уӕд базондзынӕ Хуыцауы.
Ӕз нӕ сахуыр дӕн уӕлзондыл, уаз зонынадӕй хайджын нӕ дӕн.
Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.
Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.
Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.