8 Мӕ ныхӕстӕ иууылдӕр раст сты, сайд ӕмӕ мӕнгдзинад дзы нӕй.
Дӕ хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дарын, куы мӕ фервӕзын кӕнай, уӕд цин кӕндзынӕн. Зардзынӕн Дунедарӕгыл, — стыр хорзӕх мын Чи ракодта, ууыл.
Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны; зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.
галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы ӕмӕ, йӕхи фӕндӕгтыл чи адзӕгъӕл, уыдонӕй.
Ӕз уӕ хорз зондыл сахуыр кӕндзынӕн, ма мын ферох кӕнут мӕ фӕдзӕхст.
Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.
Мӕхицӕй сомы кӕнын, Мӕ дзыхӕй рӕстдзинад кӕй цӕуы ӕмӕ Мӕ дзырдӕн аивӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй: Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг, алы ӕвзаг сомы кӕндзӕни Мӕнӕй.
«Уый сырх-сырхид дарӕсы Чи рацӕуы Едомы сахар Боцрайӕ? Уый Чи у уыцы хъомысджын, Чи рацӕуы уыцы барджын къахдзӕфтӕй Йӕ дарӕсы мидӕг?» «Уый Ӕз дӕн — рӕстдзинад Дзурӕг ӕмӕ хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг!»
Хъахъхъӕнджытӕ сын дзуапп радтой: «Уыцы Адӕймаг куыд ныхас кӕны, афтӕ никуы ничи дзырдта».
Ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хъахбай фӕлтӕр Йӕ разы сӕхи сӕгад кодтой ӕмӕ Йын нал бӕззынц хъӕбултӕн.
цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се ’хсӕн,