6 Байхъусут мӕм, уымӕн ӕмӕ мӕ ныхас асхджиаг у, рӕстдзинад хъуысы мӕ дзыхӕй,
Ӕрцӕуы нӕ Хуыцау, фӕлӕ нӕ уыдзӕни ӕдзӕм! Йӕ разӕй арт пихуылӕйттӕ калы, Йӕ алфамбылай — тыхджын уад.
раст ныхас дӕ куы хъуыса, уӕд мӕ зӕрдӕ фыр цинӕй райдзӕн.
Ӕз уӕ хорз зондыл сахуыр кӕндзынӕн, ма мын ферох кӕнут мӕ фӕдзӕхст.
Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый».
Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад.