Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 8:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Мӕ ныхмӕ чи сысты, уый та йӕхӕдӕг йӕхи сафы, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон уарзынц мӕлӕт».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 8:36
20 Iomraidhean Croise  

Тӕригъӕды куы бацӕуай, уӕд Уымӕн цы у? Дӕ фыдракӕндтӕ куы сбирӕ кӕнай, уӕд Уымӕн цы уыдзӕн?


уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты, ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.


Ӕнӕзӕндтӕ сӕ хивӕнды тыххӕй фесӕфдзысты, ӕдылыты се ’нӕмӕтдзинад бабын кӕндзӕн.


Зондамынд чи уарзы, уый зонынад уарзы, уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый ӕнӕфенд у.


Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхицӕн знаггад ракӕндзӕн; уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый йӕ зондыл ӕфтауы.


Паддзахы маст — домбайы рыхын, дӕхиуыл ӕй куы бафтауай, уӕд дӕ тӕригъӕд дӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн.


Мӕнгдзинады фӕрцы йӕхицӕн мулк чи самал кӕны, уый тагъдивгъуыйаг уддзӕфы, мӕлӕты фӕдыл зилы.


Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.


Дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр кард, стонг ӕмӕ рынӕй цӕмӕн хъуамӕ бабын уат? Дунедарӕг ахӕм тӕрхон рахаста, Вавилоны паддзахӕн лӕггад чи нӕ кӕна, уыцы адӕмтӕн.


Уӕхицӕй аппарут, ныронг цы тӕригъӕдтӕ кодтат, уыдон ӕмӕ райсут ног зӕрдӕ ӕмӕ ног уд. Израилы адӕм, цӕмӕн хъуамӕ бабын уат?


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.


Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»


Бардарӕджы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст у. Марана та!


уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?


уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan