34 Чи мӕм хъусы, ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ къӕсӕрӕй чи нӕ хизы, мӕ дуарӕй мын йӕ цӕст чи нӕ исы, уый тӕхудиаг у!
Тӕхудиаг сты, ӕдзух дӕ разы лӕууыны ӕмӕ дӕ куырыхон ныхасмӕ хъусыны фадат кӕмӕн ис, уыдон — дӕ адӕм ӕмӕ, лӕггад дын чидӕриддӕр кӕны, уыдон.
Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.
Чи Дзы тӕрсы, уыдоны рӕхджы фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Хуыцауы кад ӕрцӕрдзӕн.
Райсут-иу ын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы айсӕрдут, цы хӕдзӕртты йӕ хӕрдзыстут, уыдонӕн сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ.
адӕм арӕхдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым лӕгъстӕйӕ куры, сахары кулдуары раз райхъуысы йӕ ныхас:
Тӕхудиаг у, уӕлзондӕй чи схайджын, зондмӕ чи сӕххӕссыд, уыцы адӕймаг,
Чи дзы схайджын ис, уымӕн у царды бӕлас, чи йӕ хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты.
Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.
Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.
Марфӕйӕн уыди хо, йӕ ном — Мариа. Уый Йесойы дӕлфӕдтӕм сбадти ӕмӕ Йӕм лӕмбынӕг хъуыста.
Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Уыдон фидар хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, иумӕ уыди сӕ дзулсаст ӕмӕ кувгӕ дӕр иумӕ кодтой.