33 Мӕ зондамындмӕ мын байхъусут ӕмӕ куырыхон суыдзыстут, уӕхи йыл ма атигъ кӕнут.
адӕм арӕхдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым лӕгъстӕйӕ куры, сахары кулдуары раз райхъуысы йӕ ныхас:
Куырыхонтӕ дӕр, куы байхъусой, уӕд сӕ зондыл бафтаудзысты, ӕмбаргӕтӕ дӕр сӕхицӕн уынаффӕтӕ ссардзысты,
Мӕ лӕппу, дӕ фыды зондамындмӕ байхъус, ма ферох кӕн дӕ мады фӕдзӕхст;
Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхицӕн знаггад ракӕндзӕн; уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый йӕ зондыл ӕфтауы.
Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.
Байхъусут, лӕппутӕ, уӕ фыды зондамындмӕ; лӕмбынӕг хъусут, ӕмӕ уӕ зондыл бафтдзӕнис.
Мӕ лӕппу, байхъус мӕ куырыхон зондмӕ, дӕ хъус мӕм ӕрбадар,
Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.