28 уӕлейӕ куы ӕвӕрдта ӕврӕгътӕ, арф сӕрсӕфӕны — доны гуырӕнтӕ,
Хуыцау сфӕлдыста ӕрдынӕг ӕмӕ, ӕрдынӕджы бынмӕ цы дон уыд, уый фӕхицӕн кодта, йӕ сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй.
Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон ис, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ.
Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы дыккаг мӕй куы ралӕууыди, уӕд, ӕвддӕсӕм бон, стыдтой дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ, фегом сты арвы дуӕрттӕ,
Ӕхгӕд ӕрцыдысты дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ, тыгъдызӕй банцади.
Уый Йӕ мигъты гуыдырӕвӕрд бакӕны дон, ӕмӕ йӕ уӕзӕй ӕврӕгътӕ нӕ аскъуыйынц.
Денджызы гуырӕнмӕ искуы бафтыдтӕ, йӕ тарф ын искуы басгӕрстай?
Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.
Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты, ӕнаккӕгты та зӕххы онг ӕруадзы.
Дунедарӕг уӕлзондӕй зӕххӕн ӕрӕвӕрдта бындур, уӕлӕрвтӕ сфидар кодта зондӕй.
Дунедарӕг уӕлӕрвтӕ куы айтыгъта, уӕд ӕз Йӕ разы уыдтӕн. Ӕнӕбын сӕрсӕфӕны сӕрмӕ зиллакк куы нывӕста,
дӕттӕн сӕ бон ахизын кӕй сӕрты нӕ уыд, денджызӕн ахӕм арӕн куы скодта, зӕххӕн бындуртӕ куы ӕвӕрдта,
Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.