20 Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,
Дунедарӕджы хохмӕ чи ссӕудзӕн, чи ӕрлӕудзӕн Йӕ уаз цӕрӕны?
Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй, дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы.
Уымӕ гӕсгӕ раст адӕмы фӕндӕгтыл цу, рӕстгӕнджыты цӕуӕнтыл фидар хӕц.
Уӕд бамбардзынӕ рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы, алы хорз фӕндаджы мидис.
Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.
Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ размӕ кӕндзысты, куы бафынӕй кӕнай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты, куы-иу райхъал уай, уӕд демӕ дзурдзысты.
Мӕ дыргътӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй хуыздӕр, сыгъдӕг ӕвзистӕй ӕз фылдӕр пайда ’рхӕсдзынӕн.
цӕмӕй, чи мӕ уарзы, уыдонӕн аккаг хорзӕхтӕ балӕвар кӕнон, байдзаг сын кӕнон сӕ хӕзнадӕттӕ.
Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.
Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.
Адӕмты раз Ӕз Мӕ цагъары скодтон Ме ’вдисӕн, адӕмтӕн — фӕтӕг ӕмӕ зондамонӕг.
Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.
Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».