19 Мӕ дыргътӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй хуыздӕр, сыгъдӕг ӕвзистӕй ӕз фылдӕр пайда ’рхӕсдзынӕн.
Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ, ӕвзистӕй йӕ нӕ самал кӕндзынӕ.
Эфиопаг топазтӕй йын нӕ саргъ кӕндзынӕ, сыгъдӕг сыгъзӕрин ын не сбардзынӕ йӕ ныхмӕ.
Рӕстуды ’взаг — ӕвзаргӕ ’взист, ӕнӕхуыцауы зӕрдӕйӕн та цӕй аргъ ис?
Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
уымӕн ӕмӕ уӕлзонд ӕвзистӕй пайдадӕр у, сыгъзӕринӕй фылдӕр ӕфтиаг ратты;
Мӕ зондамынд уын ӕвзистӕй зынаргъдӕр суӕд, зонынадӕн сыгъзӕринӕй фылдӕр аргъ кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕлзонд налхъуыт-налмастӕй хуыздӕр у, цӕмӕ фӕбӕллынц, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.
Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,
Куырыхондзинад лӕджы ӕхцайау хорз хъахъхъӕны, фӕлӕ зонд хуыздӕр у, куырыхонтӕ удӕгасӕй баззайынц.