15 Мӕ фӕрцы паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц, барджын хицӕуттӕ раст тӕрхон рахӕссынц;
Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕхцон Кӕмӕн уыдтӕ ӕмӕ дӕ Израилы паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта! Дунедарӕг Израилы адӕмы мыггагмӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕ скодта сӕ паддзах, цӕмӕй сын хӕссай рӕстаг тӕрхон».
Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.
Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»
Хирам тынг бацин кодта, Соломоны курдиат ын куы рафӕзмыдтой, уӕд ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Давидӕн ахӕм куырыхон фырт Чи радта, уыцы бирӕ адӕмӕн ӕй паддзах Чи скодта!»
Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.
ӕмӕ Дӕ курын, куырыхон зонд ӕмӕ мын зонындзинӕдтӕ ратт, цӕмӕй ацы адӕмӕн разамынд дӕттынмӕ сарӕхсон. Науӕд кӕй бон суыдзӕн Дӕ бирӕ адӕмӕн хицауиуӕг кӕнын?»
Хуыцау Соломонӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы фӕндон ахӕм кӕй уыди, дӕхицӕн Мӕ хъӕздыгдзинад, алы хӕзнатӕ, дӕ фыдгулты мӕлӕт ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон кӕй нӕ ракуырдтай, ӕрмӕстдӕр Мӕ куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕй куырдтай, цӕмӕй, паддзахӕй дӕ кӕмӕн сӕвӕрдтон, Мӕ уыцы адӕмӕн уаг ӕвӕрын фӕразай,
Уӕдӕ уӕхи ӕрӕмбарут, паддзӕхтӕ, уӕхимӕ ӕрцӕут, зӕххон барджынтӕ!
Стаугӕйӕ, бахизут Йӕ кулдуарӕй, арфӕгӕнгӕ бацӕут йӕ кӕртмӕ, скад Ын кӕнут, арфӕ ракӕнут Йӕ номӕн.
Паддзах раст тӕрхонӕй бӕстӕ сфидар кӕны, гӕртӕмттӕ чи уарзы, уый та йӕ мӕгуырмӕ ’ртӕры.
бӕстӕты хицӕуттӕ ӕмӕ ’лдӕрттӕ, дунейы ӕппӕт тӕрхоны лӕгтӕ хицауиуӕг кӕнынц мӕ фӕрцы.
Раздӕрау та дын дӕ сӕргъы ӕвӕрдзынӕн тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ уынаффӕйы лӕгты. Схондзысты дӕ „рӕстгӕнджыты сахар“ ӕмӕ „иузӕрдион сахар“».
Уыцы заман Мӕ фӕндонӕй сырӕздзӕни рӕстаг Ӕвзар, Давиды байзӕддаг, ӕмӕ зӕххыл раст тӕрхон кӕндзӕн.
Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй.
Даниил цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр Навуходоносорыл ӕрцыдысты.
Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ницы сты Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххон цӕрджытӕн. Ничи Йын бауромдзӕн Йӕ къух, цы кусыс, зӕгъгӕ, Йын ничи зӕгъдзӕн.
Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.
Алы адӕймаг дӕр уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ хицаудзинад кӕддӕриддӕр Хуыцауӕй лӕвӕрд у, ӕмӕ, цы хицауӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр Хуыцауы ӕвӕрд сты.
Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.
Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ фарсыл фыст ис Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».
Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».
Самуел Саулы куы ауыдта, уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ ис, кӕй кой дын кодтон, уыцы лӕг. Уый кӕндзӕни паддзахиуӕг Мӕ адӕмӕн».