13 Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у. Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд, галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.
Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.
Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».
Ды Де ’ргом ма аздах мӕнӕй, мӕ хъыджы бон мӕм Дӕ хъус ӕрдар, куы Дӕм дзыназон — дзуапп мын ратт ӕвӕстиатӕй.
Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!
Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕстӕ Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ Мысыры паддзахы фӕдзӕхст не ’ххӕст кодтой, удӕгасӕй-иу ныууагътой ноггуырд лӕппуты.
Рӕстуды ӕвзагӕй уӕлзонд тӕдзы, фыд ӕвзаг та къуырд ӕрцӕудзӕнис.
Дунедарӕгӕн ӕнӕхуыцауы фӕндаг ӕлгъаг у, раст фӕндагыл чи цӕуы, ахӕмы уарзы.
Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.
Дунедарӕгӕн ӕнӕввӕрсон зӕрдӕ ӕлгъаг у, ӕнӕ ’фхӕрдӕй йӕ, бӕлвырд, нӕ ныууадздзӕн.
Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.
Дӕхи цӕсты куырыхон ма у, Дунедарӕгӕй тӕрс, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз, —
Сайӕн ныхас ма ссӕуӕд дӕ дзыхӕй, мӕнг ныхас де ’взагӕй фӕсур.
Ӕнаккаг ӕмӕ фыдгӕнӕг чи у, уымӕн мӕнг ныхас йе ’взагӕй нӕ хизы.
«Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй. Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн, ӕрныллӕг кӕндзынӕн сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты.
Ӕвзӕрдзинад уын суӕд ӕнӕуынон, рӕстдзинад бауарзут ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут тӕрхондоны. Чи зоны, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йосефы фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ныббара.
Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕхицӕй, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: Йаковы сӕрыстырдзинад Мын ӕлгъаг у, Йӕ галуантӕ Мын сты ӕнӕуынон, Ӕз ын йӕ сахар йе ’ппӕт цӕрджытимӕ знаджы къухмӕ ратдзынӕн.
йӕ хионы ныхмӕ фыдвӕндтӕ мачи аразӕд; мӕнг сомытӕй уӕхи хизут, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕнӕуынон сты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, хорздзинад саразынмӕ тырнут.
Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.
Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Схъӕл ныхӕстӕ ныууадзут, къӕйных ныхас ма схауӕд уӕ дзыхӕй, — Дунедарӕг алцызонӕг Хуыцау у, алы хъуыддагӕн дӕр аргъгӕнӕг Уый у.