Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 8:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕз Уӕлзонд дӕн, раст зондахаст мемӕ ис, зонынад ӕмӕ дардуынӕг зонд мӕнмӕ сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 8:12
16 Iomraidhean Croise  

ноджы ма йӕм цы саразыны фӕндтӕ уыди, уыдӕтты хахныв дӕр: Дунедарӕджы хӕдзары кӕртытӕн, йӕ алыварс ӕппӕт хатӕнтӕн, Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕттӕн ӕмӕ уаз хӕзнаты ӕвӕрӕнтӕн.


Адӕттӕ се ’ппӕт дӕр фыст сты Дунедарӕджы амындтыты хыгъды — Йӕхӕдӕг бацамыдта, алцыдӕр куыд аразгӕ у, уый.


Ӕмӕ иудейӕгтӕ, разӕй дӕр ӕмӕ фӕсте дӕр сӕ ныхмӕ кӕй ӕрбабырсынц, уый куы федтой, уӕд Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой. Сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты,


Ӕмӕ Хуыцау сбирӕ кодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ йӕ скодта йе знӕгтӕй тыхджындӕр.


Моисей израилӕгтӕн загъта: «Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг равзӕрста Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Бецалелы, Хуры фырт Урийы фырты,


ӕнӕхинты арфуынӕг скӕндзысты, зонынад сын ратдзысты, зондӕй сӕ схайджын кӕндзысты.


Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!


Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у, Уый йын амоны хуым кӕныны фӕтк.


Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!


Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,


ӕмӕ нын ӕй радта рӕдауӕй, цӕмӕй уӕм ӕххӕст алы уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынадӕй.


цӕмӕй, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн Аргъуаны руаджы ныр зындгонд уа Хуыцауы уӕлзонд, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, уый.


Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan