8 Хъахбай сылгоймаг цы уынджы царди, уым хъеллау кодта, йӕ хӕдзары ’рдӕм ын фӕцӕйцыд.
Дӕхи дзы хъахъхъӕн, ӕввахс ма цу йӕ къӕсӕрмӕ,
Куы уынгты зилы, куы фӕзты, алы тигъыл дӕр хъахъхъӕны.
Йӕ хӕдзар — фӕндаг мӕрдтыбӕстӕм, ингӕнмӕ дӕ батӕрдзӕн».
Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бацӕуы, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы.
Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.
иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ.
Иу хатт Самсон Газӕйы сахармӕ ӕрбацыд. Иу хӕтаг сылы дзы федта ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис.