7 хуымӕтӕг адӕмы астӕу, фӕсивӕды ’хсӕн, иу ӕнӕзонд лӕппуйы бафиппайдтон.
Изӕрмилтӕм у йӕ каст хъахбайӕн, ничи мӕ фендзӕн, зӕгъгӕ, бамбӕхсы йӕ цӕсгом.
Ныр ӕз зонын, Дунедарӕг Йӕ байсӕрст паддзахы кӕй ирвӕзын кӕны. Йӕ уаз уӕлӕрвтӕй йын фехъусы йӕ сидт, Йӕ рахиз къухы хъомысӕй йын ратты уӕлахиз.
«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?
Ӕнӕзӕндтӕ сӕ хивӕнды тыххӕй фесӕфдзысты, ӕдылыты се ’нӕмӕтдзинад бабын кӕндзӕн.
ӕнӕхинты арфуынӕг скӕндзысты, зонынад сын ратдзысты, зондӕй сӕ схайджын кӕндзысты.
Зондджынӕн йе ’взагыл уӕлзонд цӕры, ӕдылыйӕн та йӕ фӕсонтыл уисӕй над ауайы.
Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, ӕдылы та йӕ тутт бӕллицты фӕдыл зилы.
Ӕнӕхин алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, фӕлӕ зондджын йӕ къахдзӕфтӕм лӕмбынӕг кӕсы.
Ӕнӕфендӕн йӕ хай — ӕдылыдзинад, зондджыны кады худ — зонынад.
Ӕнӕ зонынадӕй зӕрдӕйӕн зын у, тагъд чи кӕны, уый та фӕкӕлдзӕнис.
Ӕдзӕсгомӕн куы бауайдзӕф кӕнай, уӕд ӕнӕхинтӕ раст зондмӕ раздӕхдзысты; зондджынӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ ма йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн.
Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.
Иу хатт фӕцӕйцыдтӕн магусайы хуымы цурты, ӕнӕзонд адӕймаджы сӕндоны рӕзты.
Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та ӕмраст йӕ фӕндагыл ацӕуы ӕмӕ ’фхӕрд баййафы.
Мӕ лӕппу, байхъус мӕ куырыхон зондмӕ, дӕ хъус мӕм ӕрбадар,
Мӕ лӕппу! Хъахъхъӕн дӕ фыды фӕдзӕхст, ма рох кӕн дӕ мады ныстуан.
Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!
«Ӕнӕхинтӕ, рацӕут ардӕм!» Ӕнӕзӕндтӕн зӕгъы:
«Ӕнӕхинтӕ, рацӕут ардӕм!» Ӕнӕзӕндтӕн дӕр загъта:
«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».
Йесо сын загъта: «Ау, сымах дӕр нырмӕ афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут?