3 Де ’нгуылдзтыл сӕ къухдарӕнау дар, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс.
Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт, дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —
Дӕ цӕст сӕ ма ис, дӕ зӕрдӕйы сӕ арф бавӕр,
Дӕ зӕрдыл сӕ дар ӕдзухдӕр, дӕ хъуыры сӕ фӕрдгуытау бакӕн.
Уӕлзондӕн зӕгъ: „Мӕ хо дӕ!“, зондимӕ хӕстӕгдзинад бакӕн.
Уӕдӕ цу, фӕйнӕджы гӕбаз райс ӕмӕ йыл, цыдӕриддӕр дын загътон, уыдӕттӕ ныффыс. Уадз ӕмӕ уыцы фыст баззайа мыггагмӕ.
«Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ. Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй, Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.
Иудейы тӕригъӕд ӕхсон ӕмӕ ӕфсӕн сисӕй ныффыстӕуыд адӕмы дур зӕрдӕтыл ӕмӕ нывондхӕссӕнты сыкъатыл.
Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.
Нӕ фӕллойы руаджы Чырыстийы фыстӕг кӕй стут, уый уыны алчидӕр. Уыцы фыстӕг милдонӕй фыст нӕу — цардӕгас Хуыцауы Уды фыст ис; къӕйдуртыл фыст нӕу, фӕлӕ зӕрдӕйы къултыл.