Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 7:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 уымӕн ӕмӕ йӕ амӕттаг бирӕтӕ баисты, бирӕ адӕмы фесӕфта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 7:26
14 Iomraidhean Croise  

Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.


Уыдӕтты тыххӕй, зӕгъын, нӕ фӕтӕригъӕдджын ис Израилы паддзах Соломон? Ахӕм паддзах иунӕг адӕммӕ дӕр нӕ уыди. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт израилӕгтӕн паддзах скодта, фӕлӕ йӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ фӕтӕригъӕдджын кодтой.


Йӕ хӕдзар — мӕлӕтмӕ фӕндаг, йӕ цӕуӕнтӕ дӕ мӕрдтимӕ баиу кӕндзысты.


Абырӕгау рӕсӕны бады ӕмӕ нӕлгоймӕгты ’хсӕн, сайдӕй чи цӕуы, ахӕмты нымӕц парахат кӕны.


Над ӕмӕ худинаг бавзардзӕн, йӕ фидиссаджы кой никуы ферох уыдзӕн.


Йӕ хӕдзар — фӕндаг мӕрдтыбӕстӕм, ингӕнмӕ дӕ батӕрдзӕн».


Уыдон нӕ зонынц, уым мӕрдтӕ кӕй сты, уый, йӕ уазджытӕ мӕрдтыбӕстӕм кӕй бацӕуынц.


Нӕхи бахизӕм хӕтынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ хӕтыныл куыд бафтыдысты, афтӕ. Уый тыххӕй дзы иу бонмӕ ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз мины фӕмард.


Куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд та мӕ Хуыцау сымах тыххӕй куы фегад кӕна ӕмӕ кӕуинаг куы фӕуон, тӕригъӕды чи бацыди ӕмӕ йӕ чъизи хъуыддӕгтӕ, йӕ хъахбайдзинад ӕмӕ ӕлгъаг митыл фӕсмон чи нӕ фӕкодта, бирӕ ахӕм адӕмтыл.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц.


Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan