24 Уӕдӕ мӕм байхъусут, лӕппутӕ, мӕ ныхӕстӕм мын байхъусут лӕмбынӕг.
Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.
Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы, ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.
Байхъусут, лӕппутӕ, уӕ фыды зондамындмӕ; лӕмбынӕг хъусут, ӕмӕ уӕ зондыл бафтдзӕнис.
Уӕдӕ мӕм байхъусут, лӕппутӕ, мӕ ныхӕстыл мын уӕхи ма атигъ кӕнут.
Мӕ хъӕбултӕ, арӕг сылгоймагау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.
Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.