23 цалынмӕ фат йӕ игӕрыл нӕ сӕмбӕлы, уӕдмӕ; маргъау тӕхы ахсӕн хызмӕ, уым йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ.
Мӕргътӕн сӕ цӕстыты раз ахсӕн хыз сӕвӕрынӕй куыд ницы пайда ис, афтӕ уыдон дӕр, искӕй размӕ бабадгӕйӕ, сӕхи туг ныккалынц, сӕхи фӕхъахъхъӕнынц.
Хъахбай сылы фӕдыл куы ацӕуай, уӕд къӕбӕры фаг дӕр нал кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ искӕй ус дӕ царды фӕдыл зилы.
Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
Лӕппу араст ис йӕ фӕдыл — гал ӕргӕвдӕнмӕ куыд фӕцӕйцӕуы, саг къӕппӕгмӕ куыд фезгъоры,
Уыдон нӕ зонынц, уым мӕрдтӕ кӕй сты, уый, йӕ уазджытӕ мӕрдтыбӕстӕм кӕй бацӕуынц.
Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.
Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.