22 Лӕппу араст ис йӕ фӕдыл — гал ӕргӕвдӕнмӕ куыд фӕцӕйцӕуы, саг къӕппӕгмӕ куыд фезгъоры,
Мӕ къӕхтыл мын хъадамантӕ бакодтай, гакк мыл сӕвӕрдтай, мӕ алы къахдзӕф дӕр Дын нысангонд у.
Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
Алыхуызон хинӕйдзаг митӕй йӕ асайдта, адджын ныхӕстӕй йӕ фӕрӕдийын кодта.
цалынмӕ фат йӕ игӕрыл нӕ сӕмбӕлы, уӕдмӕ; маргъау тӕхы ахсӕн хызмӕ, уым йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ.
Пашхур Йеремиайы фӕнадта ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты, Бениамины кулдуары цур, хъадаманты сбадын кодта.
Сахары кулдуары размӕ Зевсӕн цы кувӕндон уыд, уый дзуарылӕг та кулдуары цурмӕ ӕрбатардта галтӕ ӕмӕ ӕрбахаста дидинӕгбыдтӕ, йӕ зӕрды уыди нывонд ӕрхӕссын адӕмимӕ.
Уый ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ.