14 „Абон ӕз фидыды нывӕндтӕ ’рхастон, мӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодтон.
Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.
Хус къӕбӕримӕ фидыдӕй цӕрын — хуыздӕр, цӕйнӕфӕлтау дӕ хӕдзар ӕргӕвст фосӕй йедзаг уа, фӕлӕ дзы хъаугъа ма ’нцайа.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ нывӕндтӕ ӕлгъаг сты, уӕлдайдӕр та — фыдвӕндтимӕ кӕй ӕрбахӕссынц, уыдон.
Дӕ размӕ дӕр уымӕн рацыдтӕн, агуырдтон дӕ ӕмӕ дӕ ссардтон.
Дзӕгъӕлы Мын хӕссут хуынтӕ, Мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис уӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй. Уӕ мӕйног ӕмӕ уӕ сабат — уӕнгӕл сты фыдгӕнджыты бӕрӕгбӕттӕ.
Мӕнӕ Дунедарӕгӕн фидыды нывонд хӕссыны ӕгъдау.
Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.