Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 7:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Фӕлӕбурдта йӕм, аба йын кодта, ӕнӕфсармхуызӕй йӕм дзуры:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 7:13
14 Iomraidhean Croise  

уӕд ын ус йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ та загъта: «Ӕрхуысс мемӕ!» Фӕлӕ уый йӕ дарӕс усы къухы фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Бауарз-ма мӕ!»


О Хуыцау! Хъоды ныл бакодтай, ныццагътай нӕ, смӕсты нӕм дӕ, фӕлӕ та нӕ Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн.


Ӕнӕхуыцауӕн йӕ хуыз къӕйных у, рӕстуд йӕ фӕндагыл фидар хӕцы.


цӕмӕй, йӕ рӕзты чи цӕуы, уыдонмӕ сида:


Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау — ме ’ххуысгӕнӕг. Ӕмӕ нӕ фӕкъӕмдзӕстыг дӕн, мӕ цӕсгом ныхъхъӕбӕр кодтон ӕхсонау ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн.


Хӕтаг сылтӕн лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц, ды та дӕхӕдӕг кодтай лӕвӕрттӕ де ’ппӕт хӕзгултӕн, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй балхӕдтай, цӕмӕй дӕм алырдыгӕй цӕуой ӕмӕ демӕ ӕнӕуаг митӕ кӕной.


Хивӕнд ӕмӕ цъаммар сты ацы адӕм, ӕмӕ сӕм мӕнӕ Ӕз дӕу ӕрвитын. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау!“


Ды сын, адӕймаг, мадӕр сӕхицӕй тӕрс, мадӕр сӕ ныхӕстӕй. Сындзытӕ ӕмӕ дын каконтау куы уой ӕмӕ семӕ къӕдздымтимӕ цӕрӕгау куы цӕрай, уӕддӕр-иу сын ма фӕтӕрс сӕ ныхӕстӕй, дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕгоммӕгӕс адӕм.


Ӕрбынат кодтой израилӕгтӕ Ситтимы, ӕмӕ моаваг сылгоймӕгтимӕ хӕтын райдыдтой.


Афтӕмӕй та, Балаамы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уыдон израилӕгты бацардыдтой Дунедарӕджы ныхмӕ, цӕмӕй Йыл сӕхи атигъ кӕной ӕмӕ Пеоры ’рдӕм фӕуой; ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕйыл рын сыстад.


Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат — ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan