1 Мӕ лӕппу, мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ма ферох кӕн.
Йӕ зондамындмӕ Йын байхъус ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр.
Мӕ лӕппу, дӕ фыды зондамындмӕ байхъус, ма ферох кӕн дӕ мады фӕдзӕхст;
Куырыхонтӕ хъахъхъӕнынц зонынад, ӕдылыйӕн та йе ’взаг йе сӕфт хӕстӕгдӕр кӕны.
Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —
Дӕ цӕст сӕ ма ис, дӕ зӕрдӕйы сӕ арф бавӕр,
Йӕ къӕхтӕ уырдыгмӕ хизынц мӕлӕтмӕ, йӕ къахдзӕфтӕ — мӕрдтыбӕстӕм арӕзт.
Мӕ лӕппу! Хъахъхъӕн дӕ фыды фӕдзӕхст, ма рох кӕн дӕ мады ныстуан.
Ницавӕр фиддоныл сразы уыдзӕн, цасфӕнды лӕвӕрттӕ йын куы кӕнай, уӕддӕр разыйӕ ницӕмӕй баззайдзӕн.
Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.
Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм.
Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.
Ӕлгъыст — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕм куынӕ байхъусат, абон уын ӕз цы фӕндаг амонын, уымӕй куы фӕзилат ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы ацӕуат, уӕд.
Тӕхудиаг сты, ацы пехуымпар ныхӕстӕ чи кӕсы ӕмӕ сӕм чи хъусы, цы фыст дзы ис, уыдӕттӕ кӕмӕ хъарынц, уыдон, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.
Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕуӕн, де ’фсымӕр пехуымпартӕн, стӕй, ацы чиныджы ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уыдонӕн се ’мкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув».