Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Магуса! Ацу-ма мӕлдзыгмӕ, ӕмӕ, куыд архайы, уымӕ бакӕс, йӕ уӕлзондыл ын сахуыр у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 6:6
24 Iomraidhean Croise  

Мӕргътӕн сӕ цӕстыты раз ахсӕн хыз сӕвӕрынӕй куыд ницы пайда ис, афтӕ уыдон дӕр, искӕй размӕ бабадгӕйӕ, сӕхи туг ныккалынц, сӕхи фӕхъахъхъӕнынц.


Дзымари дзых смаст кӕны, фӕздӕг цӕстытӕ къахы, магуса дӕр йе ’рвитджытӕн — уыдоны ’нгӕс.


Зивӕггӕнаг къухтӕ мӕгуырмӕ ’ркӕнынц, кусаг къухтӕ — хъӕздыгдзинадмӕ.


Магуса цӕмӕдӕрты бӕллы, фӕлӕ дзӕгъӕлы, ӕнӕзивӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц.


Зивӕггӕнагӕн йӕ фӕндаг — сындзытӕй йедзаг, рӕстудты фӕндаг лӕгъз у.


Фыдӕвзаджы ныхӕстӕ адджинаджы хуызӕн адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц.


Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны, зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.


Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы, фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын зивӕг кӕны.


Зивӕггӕнаг йӕ афоныл хуым нӕ кӕны ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ницы ссары.


Зивӕггӕнаджы йӕ фӕндтӕ фесафдзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ кусын нӕ уарзынц;


Зивӕггӕнаг хъӕр кӕны: «Уынджы — домбай! Куыддӕр хӕдзарӕй рацӕуон, афтӕ ме сӕфт ӕрцыд!»


Мӕ лӕппу, хъусгӕ кӕн ӕмӕ куырыхон у, дӕ зӕрдӕ раст фӕндагмӕ сараз.


Зӕххыл ис цыппар къаннӕджы, фӕлӕ сӕхицӕй куырыхондӕр нӕй:


мӕлдзгуытӕ лӕмӕгъ сты, фӕлӕ сӕрды сӕхицӕн хӕринаг ӕрӕфтауц кӕнынц;


Зивӕггӕнаг! Кӕдмӕ хуысдзынӕ, райхъал ӕмӕ сыстын афон дын нӕма у?


Гал зоны йӕ хицауы, хӕрӕг — йӕ кӕвдӕс, израилӕгтӕ та нӕ зонынц, Мӕ адӕм та не ’мбарынц».


Къадз дӕр ма арвыл йӕ рӕстӕг зоны, бӕлон, зӕрватыкк ӕмӕ хърихъупп дӕр зонынц се ’ртӕхыны афон. Мӕ адӕм та Дунедарӕджы ’гъдӕуттӕ нӕ зонынц!


Йӕ хицау ын загъта: „Ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар! Кӕм нӕ байтыдтон, уым кӕй кӕрдын ӕмӕ, кӕм нӕ райдзӕгътон, уым кӕй ӕмбырд кӕнын, уый кӕд зыдтай,


Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви?


Зӕрдиагӕй лӕггад кӕнут Хуыцауӕн, уӕ удӕй арт цӕгъдут.


Зивӕг уыл ма фӕтых уӕд, фӕлӕ фӕзмут, уырнындзинад ӕмӕ бирӕбыхсты руаджы, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый исбонӕн чи райсы, уыдоны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan