35 Ницавӕр фиддоныл сразы уыдзӕн, цасфӕнды лӕвӕрттӕ йын куы кӕнай, уӕддӕр разыйӕ ницӕмӕй баззайдзӕн.
Арамы паддзахы ӕфсады хицау Нееман уыди хъотырнизӕй рынчын. Ӕнӕуи номдзыд лӕг уыди, дзырддзӕугӕ лӕг, стӕй хъӕбатыр хӕстон. Уый фӕрцы Дунедарӕг Арамӕн лӕвӕрдта уӕлахизы амонд.
Мӕнӕн дӕр уыди фыд ӕмӕ мад, ӕз дӕр сын уыдтӕн уарзон хъӕбул, сӕ цӕсты рухс.
Уымӕн ӕмӕ карз уыдзӕн йӕ мойы зӕрдӕхсайд, мастисӕн бон нӕ ныббардзӕн.
Мӕ лӕппу, мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ма ферох кӕн.
Фӕлӕбурдта йӕм, аба йын кодта, ӕнӕфсармхуызӕй йӕм дзуры:
хӕхтӕ ӕмӕ къуыбыртӕ нӕма сӕвзӕрдысты, зӕхх, быдыртӕ ӕмӕ дунейы фыццаг рыджы муртӕн сӕ кой дӕр нӕма уыди, афтӕ ӕз райгуырдтӕн.
Уарзондзинад денджызы бын дӕр нӕ ахуысдзӕн, цӕугӕдӕтты бын нӕ фӕдӕлдон уыдзӕн. Йӕ хӕдзары ӕппӕт хӕзнатӕ уарзондзинадыл чи ива, ууыл ӕрмӕст фӕхуддзысты.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн, ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары, уыцы мидиӕгты.
Ӕрзоныг кодтой, фегад сты — Ды сын нӕ ныббардзынӕ.
Мӕ фӕндагыл кӕй нӕ цыдыстут ӕмӕ Мын Ме ’гъдау кӕй сзыгъуыммӕ кодтат, уый тыххӕй уӕ Ӕз ӕппӕт адӕмы раз ӕрныллӕг ӕмӕ сӕлгъаг кӕндзынӕн.