34 Уымӕн ӕмӕ карз уыдзӕн йӕ мойы зӕрдӕхсайд, мастисӕн бон нӕ ныббардзӕн.
Потифар йӕ усы ныхӕстӕ куы фехъуыста, дӕ цагъар мын афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, уӕд йӕ маст рафыхт.
Сылгоймаг басывӕрджын ис ӕмӕ Давидмӕ фӕхабар кодта, сывӕрджын дӕн, зӕгъгӕ.
Дунедарӕджы масты бон куы ралӕууа, уӕд мулкӕй ницы пайда уыдзӕн, фӕлӕ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый мӕлӕтӕй фервӕздзӕн.
Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?
Над ӕмӕ худинаг бавзардзӕн, йӕ фидиссаджы кой никуы ферох уыдзӕн.
Ницавӕр фиддоныл сразы уыдзӕн, цасфӕнды лӕвӕрттӕ йын куы кӕнай, уӕддӕр разыйӕ ницӕмӕй баззайдзӕн.
О, макуы мӕ фӕхицӕн кӕн дӕ зӕрдӕйӕ, о, де ’нгуылдзыл мӕ къухдарӕнау бакӕн! Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад тыхджын у мӕлӕтау, мӕрдтыбӕстау ӕгъатыр у зӕрдӕхсайд, йӕ фӕттӕ пиллон артау судзынц!
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн, ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары, уыцы мидиӕгты.
«Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт Пинхас мын Мӕ маст аздӕхта израилӕгтӕй, афтӕ ӕнувыд Мыл кӕй разындис, уымӕй, ӕмӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз нал ныццагътон израилӕгты.
фӕлӕ йӕм уӕддӕр лӕджы зӕрдӕ куы ’хсайа ӕмӕ йыл ӕнӕууӕнк куы кӕна, уӕд. Кӕнӕ, сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта, афтӕмӕй йыл йӕ мой ӕнӕхъуаджы ӕнӕууӕнк кӕны, зӕгъгӕ,
Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?