33 Над ӕмӕ худинаг бавзардзӕн, йӕ фидиссаджы кой никуы ферох уыдзӕн.
Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.
уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.
Уыдӕтты тыххӕй, зӕгъын, нӕ фӕтӕригъӕдджын ис Израилы паддзах Соломон? Ахӕм паддзах иунӕг адӕммӕ дӕр нӕ уыди. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт израилӕгтӕн паддзах скодта, фӕлӕ йӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ фӕтӕригъӕдджын кодтой.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды зондамонӕн псалом.
Уый фенгӕйӕ, тас бацӕудзӕни рӕстудты, фӕхуддзысты дыл ӕмӕ зӕгъдзысты:
Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
Уымӕн ӕмӕ карз уыдзӕн йӕ мойы зӕрдӕхсайд, мастисӕн бон нӕ ныббардзӕн.
Йессейӕ райгуырди паддзах Давид, Давидӕн Уриайы усӕй — Соломон;