31 Фӕлӕ йӕ куы ’рцахсынц, уӕд, цы адавта, уый авд ахӕмӕй бафиды, йӕ хӕдзары исбон иууылдӕр лӕвӕрд ӕрцӕуы.
Дунедарӕг ын загъта: «Нӕ. Исчи дӕ куы амара, уӕд йӕ мыггагӕй авд ахӕмы фӕхъӕудзӕн». Ӕмӕ Дунедарӕг нысан ныууагъта Каиныл, цӕмӕй йыл чи амбӕла, уыдонӕй йӕ мачи амара.
Йӕ фысӕн та йын хъуамӕ цыппар аргъы бафида, уыцы ми кӕй бакодта ӕмӕ йын кӕй нӕ фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй».
Йӕ фӕллӕйттӕ хиды бынты ацӕудзысты, йе ’фтиӕгтыл цин нӕ кӕндзӕн.
Денджызы онг айтыгъта йӕ къабӕзтӕ, Евфраты доны онг — йӕ талатӕ.
уӕд ын йӕ хицауӕн хъуамӕ цъайы хицау йӕ аргъ бафида, фосы мард та йӕхи фӕуӕд.
Цӕмӕй сӕ бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах бардзырд радта, цӕмӕй хӕсджынӕн йӕхи дӕр, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр, стӕй йӕм исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уый иууылдӕр ауӕй кӕной ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ хӕс бафидой.
Закхей та сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн байуардзынӕн ӕмӕ, кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ӕй уымӕн та цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн».