26 Хъахбай сылы фӕдыл куы ацӕуай, уӕд къӕбӕры фаг дӕр нал кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ искӕй ус дӕ царды фӕдыл зилы.
уӕд сылгоймаг хӕдзаронтӕм фӕфӕдис кодта: «Кӕсут-ма, мӕ мой нӕм ацы дзуттаджы махӕй фӕхъазынмӕ ӕрбакодта. Йӕ зӕрды мын тыхми бакӕнын уыди!
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Бауарз-ма мӕ!»
Абырӕгау рӕсӕны бады ӕмӕ нӕлгоймӕгты ’хсӕн, сайдӕй чи цӕуы, ахӕмты нымӕц парахат кӕны.
Уӕлзонд чи уарзы, уымӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы; хӕтаг сылтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ хӕдзары исбон ныкъкъуыввитт кӕны.
Ӕдзӕсгӕмттӕ сахар сызмӕнтынц, куырыхонтӕ маст басабыр кӕнынц.
дӕ хъаруйӕ ӕцӕгӕлӕттӕ бафсӕддзысты, дӕ фӕллӕйттӕ кӕйдӕр хӕдзармӕ ’рхаудзысты.
науӕд дӕ хъарутӕ искӕуыл фӕуыдзынӕ, дӕ царды бонтӕ ӕнауӕрдонтыл бахардз кӕндзынӕ;
Исчи йӕ роны зынг куы бавӕра, уӕд уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй йӕ дарӕс ма басудза?
цалынмӕ фат йӕ игӕрыл нӕ сӕмбӕлы, уӕдмӕ; маргъау тӕхы ахсӕн хызмӕ, уым йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ.
«Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона, сӕ дӕлӕрмтты дарынӕн дӕсныфӕрсӕн дзӕкъултӕ чи хуыйы ӕмӕ адӕмы ахсынӕн сӕрӕмбӕрзӕнтӕ чи аразы! Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мын Мӕ адӕмыл цуан куы кӕнат, уӕд уымӕй уӕ удтӕ фервӕзын кӕндзыстут?
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕнут ӕмӕ фӕлывд цӕстылуайӕнтӕ кӕй уынут, уый тыххӕй Ӕз сыстдзынӕн уӕ ныхмӕ.
Фӕлӕ дын хъахбайтимӕ дӕ мулк чи бахордта, дӕ уыцы фырт та дӕм куыддӕр фӕзынди, афтӕ йын хӕрзхаст род аргӕвстай“.
Дӕ хӕдзаронтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕй-иу алчидӕр ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мӕ сауджыны раз ӕрзоныг кӕндзӕн ӕвзисты мур кӕнӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй ӕмӕ-иу ын зӕгъдзӕн: „Исты сауджынлӕггадыл мӕ бафтау, цӕмӕй мӕхицӕн къӕбӕр самал кӕнон“».