25 Йӕ рӕсугъдмӕ йын ма бабӕлл дӕ зӕрдӕйы, йӕ цӕстыхауты тъӕбӕрттӕй йын ма атай.
Йегу Изреелмӕ ӕрбаздӕхт, ӕмӕ Иезавел уый куы базыдта, уӕд йӕ цӕстытӕ сахуырста, йӕ сӕрмӕ дӕр базылди, ӕмӕ афтӕмӕй рудзынгӕй ӕддӕмӕ кӕсӕг йӕхи скодта.
Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон, сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст кӕй нӕ бакӕндзынӕн.
Мӕ хо, мӕ къайаг, зӕрдӕскъӕфт мӕ фӕкодтай дӕ иу бакастӕй, ӕрмӕст дӕ хъуырыл ауыгъд фӕрдгуытӕй!
Дунедарӕг загъта: «Сионы чызджытӕ ӕгӕр хъал сты, фервӕссыдысты сӕхиуыл. Сӕ сӕртӕ бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ, рацӕйцӕуынц ӕмӕ сӕ цӕстӕнгасӕй цырен кӕнынц монцтӕ. Куы рацӕйсирынц, уӕд сӕ къӕхты фӕлындӕнтӕ дзыгъал-мыгъул кӕнын байдайынц.
О, удхарӕй кӕй амардтой, уыцы зӕхх! Цы кӕндзынӕ ды та? Дӕхи-иу сӕнт сырх ӕмӕ сыгъзӕрин дарӕстӕй сфӕлыстай, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ. О, дзӕгъӕлы-иу сфӕлыстай дӕхи! Дӕ хӕзгултӕ дыл ӕлгъ кӕнынц, дӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц».
Ноджы ма-иу минӕвӕрттӕ арвыстой ӕцӕгӕлон нӕлгоймӕгтӕм, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой дардӕй; се ’рбацыдмӕ-иу ды цӕхсадтай дӕхи, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ ӕмӕ-иу дӕхи сфӕлыстай фӕлындӕнтӕй.
Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ мондаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый ныридӕгӕн йӕ мидзӕрдӕйы фӕхатти йемӕ.
Ма бабӕлл искӕй усмӕ, искӕмӕн ма бабӕлл мадӕр йӕ хӕдзармӕ, мадӕр — йӕ хуыммӕ, мадӕр — йӕ цагъартӕм, мадӕр — йӕ галмӕ, мадӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл“.