24 Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты хъахбай сылӕй, кӕйдӕр усы мӕлгъӕвзагӕй.
Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан,
Афтӕмӕй дӕхи бахиздзынӕ искӕй усӕй, моймӕдзыды узӕлӕг ныхӕстӕй,
Мӕ лӕппу, цӕмӕн расыг кӕныс дӕхи искӕй усӕй, йӕ астӕуӕн ын хъӕбыстӕ цӕмӕн кӕныс?
Искӕй усӕн йе ’взагӕй мыд тӕдзы, йӕ ныхӕстӕ сойӕ фӕлмӕндӕр сты,
Алыхуызон хинӕйдзаг митӕй йӕ асайдта, адджын ныхӕстӕй йӕ фӕрӕдийын кодта.
Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты искӕй усӕй, моймӕдзыд сылгоймаджы рӕвдауӕн ныхӕстӕй.
Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.