22 Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ размӕ кӕндзысты, куы бафынӕй кӕнай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты, куы-иу райхъал уай, уӕд демӕ дзурдзысты.
Ӕз кадджын Дунедарӕгмӕ фӕсиддзынӕн ӕмӕ фервӕздзынӕн ме знӕгтӕй.
Схуыссын, бафынӕй вӕййын ӕмӕ сыстын — Дунедарӕг мын хъару ратты.
Ды Дӕхи къухӕй иннӕ адӕмты фӕсырдтай, уыдоны та ӕрцӕрын кодтай сӕ зӕххыл; басастай ӕмӕ фӕтардтай адӕмты.
Дӕ дардмӕуынӕг зонд дӕ хъахъхъӕндзӕн, дӕ зонд-иу дӕ бахиздзӕн.