20 Мӕ лӕппу! Хъахъхъӕн дӕ фыды фӕдзӕхст, ма рох кӕн дӕ мады ныстуан.
Хъус дӕ фыдмӕ, уымӕн ӕмӕ дын цард уый радта, дӕ ныййарӕг мад куы базӕронд уа, уӕд дӕр ыл ӕлгъ ма кӕн.
Иуӕй-иутӕ ’лгъитынц сӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ мадӕлтӕн арфӕ нӕ кӕнынц.
Мӕ лӕппу, байхъус мӕ куырыхон зондмӕ, дӕ хъус мӕм ӕрбадар,
Йӕ къӕхтӕ уырдыгмӕ хизынц мӕлӕтмӕ, йӕ къахдзӕфтӕ — мӕрдтыбӕстӕм арӕзт.
хуымӕтӕг адӕмы астӕу, фӕсивӕды ’хсӕн, иу ӕнӕзонд лӕппуйы бафиппайдтон.
Махӕн нӕ фыдӕл Йонадав, Рехавы фырт, цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм: никуы нуӕзтам сӕн — нӕдӕр нӕ устытӕ, нӕдӕр нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ, нӕдӕр нӕхӕдӕг,
Сывӕллӕттӕ, кӕсут уӕ ныййарджыты коммӕ, Дунедарӕг куыд домы, афтӕ.
Искӕмӕн йӕ фырт фыдуаг ӕмӕ ӕнӕсӕттон у, зӕгъгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ нӕ хъусы, цыфӕндыйӕ дӕр сын нӕ уисӕн кӕны,
„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады чи бафхӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“