2 уӕд дӕ рацахста дӕхи ныхас, дӕхи ныхӕсты уацары бахаудтӕ.
Ӕнӕхуыцау йӕ сайӕн ныхӕсты ныссуйтӕ уыдзӕн, рӕстуд та фыдбылызӕй фервӕздзӕн.
Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ сафӕг, йӕ бырынкъ — йӕ ахсӕн хыз.
Мӕ лӕппу! Кӕд искӕй тыххӕй дӕ сӕр лыгмӕ радтай,
Мӕ лӕппу, уӕдӕ дын ныр кӕд чидӕр хицау сси, уӕд, цӕмӕй дзы фервӕзай, уый тыххӕй афтӕ бакӕн: ацу, йӕ къӕхты бынмӕ йын ӕрхау, ӕнӕрӕнцойӕ йын лӕгъстӕ кӕн.
Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.