1 Мӕ лӕппу! Кӕд искӕй тыххӕй дӕ сӕр лыгмӕ радтай,
Ай тыххӕй дзуапдӕттӕг ӕз уыдзынӕн, ӕмӕ-иу ӕй мӕнӕй бацагур. Фӕстӕмӕ дын ӕй ам куы нӕ ’рбалӕууын кӕнон, уӕд цӕрӕнбонты азымджын уыдзынӕн дӕ разы.
Дӕхӕдӕг рахӕц мӕ сӕрыл, науӕд ӕндӕр чи бацӕудзӕн мӕ бӕрны?
Искӕй тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи дӕтты, уый фыдбылызы бахаудзӕн, фӕлӕ, искӕй ӕвджид ныллӕууынмӕ тагъд чи нӕ кӕны, уый — ӕдас.
Ӕнӕзонд ивазы йӕ къух, искӕй ӕвджид ныллӕууынмӕ тагъд кӕны.
Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи ратта, уымӕн фӕстагмӕ йӕ дарӕс дӕр ласт ӕрцӕудзӕн, искӕй усы ’вджид чи ныллӕуа, уымӕн дӕр — афтӕ.
Искӕй тыххӕй дӕ сӕр лыгмӕ ма дӕтт, искӕй ӕвджид ма ныллӕу — цы бафидай, уый дӕм куынӕ уа, уӕд ма дын дӕ хуыссӕнтӕ дӕр дӕ бынӕй раласдзысты.
Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи ратта, уымӕн йӕ дарӕс дӕр ласт ӕрцӕудзӕн; искӕй усы ’вджид чи ныллӕууа, уымӕн дӕр афтӕ.
уӕд дӕ рацахста дӕхи ныхас, дӕхи ныхӕсты уацары бахаудтӕ.
Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ныууагътай Дӕ адӕмы, Йаковы хӕдзарвӕндаджы, уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй байдыдтой Скӕсӕны адӕмты фӕзмын. Филистимӕгтау сӕм фӕзынди дӕсныфӕрсджытӕ, ӕндӕрбӕстӕгтимӕ сӕмдзӕхдон сты.
Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр Фидыдӕн йӕ цӕджындз.