3 Искӕй усӕн йе ’взагӕй мыд тӕдзы, йӕ ныхӕстӕ сойӕ фӕлмӕндӕр сты,
Афтӕмӕй дӕхи бахиздзынӕ искӕй усӕй, моймӕдзыды узӕлӕг ныхӕстӕй,
Искӕй усы ’взаг — арф сӕрсӕфӕн, Дунедарӕг кӕй ралгъита, уый дзы ныххаудзӕн.
Мӕ лӕппу, цӕмӕн расыг кӕныс дӕхи искӕй усӕй, йӕ астӕуӕн ын хъӕбыстӕ цӕмӕн кӕныс?
Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты хъахбай сылӕй, кӕйдӕр усы мӕлгъӕвзагӕй.
Алыхуызон хинӕйдзаг митӕй йӕ асайдта, адджын ныхӕстӕй йӕ фӕрӕдийын кодта.
Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты искӕй усӕй, моймӕдзыд сылгоймаджы рӕвдауӕн ныхӕстӕй.
Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.
О, мӕ къайаг! Дӕ былтӕ — адджындӕр мыдӕй, де ’взаджы бынӕй тӕдзы ӕхсыр ӕмӕ мыд, дӕ дарӕсы тӕф — ливайнаг нӕзыты хӕрздӕфау.