23 Зондамонӕг ын нӕ фӕцис, ӕмӕ фесӕфы, йе ’дылы зонды аххосӕй йӕ фӕндагыл адзӕгъӕл вӕййы.
Кӕд ӕмӕ Йӕ коммӕ нӕ бакӕсой, уӕд та искӕй къухӕй амӕлдзысты, се ’нӕзонды аххосӕй бабын уыдзысты.
Сӕ уды таг ӕрбаскъуыйы, уӕлзондмӕ нӕма сӕххӕссынц, афтӕмӕй“.
уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты, ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.
Рӕстуды ныхӕстӕ бирӕты хъахъхъӕнынц, зондцухты та се ’дылы зонд фесафы.
Зондджын ныхас адӕймаджы скадджын кӕны, ӕнахъинон зондахаст — ӕгады хос.
Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн, хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.
Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
Раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл ис, уый мӕрдты ’хсӕн йӕ бынат ссардзӕн.