Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 5:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уарзон хъуаз, зӕрдӕйӕн адджын сычъи! Йӕ риутӕй дӕ ’фсадӕд ӕдзухдӕр, йӕ уарзтӕй йын иудадзыг расыг куыд кӕнай, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 5:19
8 Iomraidhean Croise  

Уӕд дын бонджын лӕгмӕ уазӕгуаты иу бӕлццон бафтыд, ӕмӕ фысымы цӕст нӕ бауарзта йӕ уазӕгӕн йӕхи фыстӕй кӕнӕ галтӕй аргӕвдын, фӕлӕ йын мӕгуыр лӕджы фысы акусарт кодта».


Дӕхи донуаты цы дон ис ӕмӕ дӕхи цъайӕ цы дон кӕлы, уый нуаз.


Мӕ лӕппу, цӕмӕн расыг кӕныс дӕхи искӕй усӕй, йӕ астӕуӕн ын хъӕбыстӕ цӕмӕн кӕныс?


Цалынмӕ нӕма сбон ис ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты, уӕдмӕ саг кӕнӕ сычъийау хӕхты цъассытыл лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон!


Сычъийы хуызӕн, саджы ’нгӕс у мӕ уарзон. Мӕнӕ нӕ сисы цур ӕрлӕууыди, рудзынгмӕ кӕсы, хызӕджы уылты ’рбакӕсы мидӕмӕ.


Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны кӕнӕ сычъийы фаззӕттӕ, кӕркусӕгты ’хсӕн хизынц.


Дӕ бикъ — тымбыл кӕхцы ӕнгӕс, хӕрздӕф сӕн ӕвидигӕ у йӕ мидӕг; мӕнӕугӕрдӕджы дидинбаст — дӕ гуыбын, кӕркусӕгтӕ йӕ алыварс.


— О, лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон! Хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ цы хӕхтыл зайынц, уыдоны сӕрты саг кӕнӕ сычъийау азгъор!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan