18 Дӕхи донгуырӕн арфӕгонд уӕд, де ’рыгон бонтӕй дын цы бинойнаг ис, ууыл цин кӕн.
Дӕ дӕттӕ уынгты цӕмӕн хъуамӕ акӕлой, фӕзты лӕсӕнтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕной?
Дӕхи уӕнт ӕрмӕстдӕр, искӕимӕ сӕ ма дих кӕн.
«Давӕггаг дон адджындӕр у, давд кӕрдзын — бирӕ хӕрзаддӕр!»
Дӕ цард цыбыр у, ӕмӕ дӕ уарзон усимӕ амондджынӕй цӕр; бонтӕ тагъд фӕуынц, алы боныл дӕр цин кӕн — ацы дунейы уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ куысты хӕрзиуӕг.
О, мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕхгӕд дыргъдон, ӕхгӕд цъайы ӕнгӕс дӕ! Ды — донгуырӕн, фӕлӕ дӕ нуазӕн нӕй!
Дӕ дыргъдоны астӕу — донгуырӕн, ног донимӕ цъай, Ливаны хӕхтӕй кӕлы.
Ногусджын ӕфсадӕй дӕр сӕрибар у, ӕмӕ йыл ӕндӕр исты хӕс дӕр нӕй сӕвӕрӕн. Афӕдзы дӕргъы йӕ хӕдзары уӕд ӕмӕ йӕ бинойнаджы зӕрдӕ рухс кӕнӕд.