16 Дӕ дӕттӕ уынгты цӕмӕн хъуамӕ акӕлой, фӕзты лӕсӕнтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕной?
Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»
Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын, дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ — оливӕ бӕласы ӕвзартау.
Ме рагъыл мын хуым кодтой хуымгӕнджытӕ, ауагътой-иу ыл даргъ ауӕдзтӕ.
Сӕ цӕрӕнуат гӕныстон фӕуӕд, сӕ цатырты цӕрӕг мауал баззайӕд.
Дӕхи донуаты цы дон ис ӕмӕ дӕхи цъайӕ цы дон кӕлы, уый нуаз.
Дӕхи уӕнт ӕрмӕстдӕр, искӕимӕ сӕ ма дих кӕн.
Дӕхи донгуырӕн арфӕгонд уӕд, де ’рыгон бонтӕй дын цы бинойнаг ис, ууыл цин кӕн.
«Давӕггаг дон адджындӕр у, давд кӕрдзын — бирӕ хӕрзаддӕр!»
О, мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕхгӕд дыргъдон, ӕхгӕд цъайы ӕнгӕс дӕ! Ды — донгуырӕн, фӕлӕ дӕ нуазӕн нӕй!
Дӕ дыргъдоны астӕу — донгуырӕн, ног донимӕ цъай, Ливаны хӕхтӕй кӕлы.
Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл, фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц — дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон, акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон фемӕхсы!
Цӕрдзӕни ӕдасӕй Израил, хибарӕй цӕрдзӕнис Йаков, арвӕй ӕртӕх кӕм лӕдӕрсы, уыцы хор ӕмӕ сӕны бӕстӕйы.
Уыди йын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты. Йӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз чызджы моймӕ радта ӕмӕ йӕ фырттӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз чызджы ӕрхаста. Авд азы дӕргъы Ивсан уыдис Израилы фӕтӕг.