14 Иу къахдзӕф ма мӕ хъӕуы, ӕмӕ ’ппӕт адӕмы раз фӕхудинаг уыдзынӕн“.
Ӕрымыс, незаманты кӕй равзӕрстай, кӕй балхӕдтай, ӕнустӕм Дӕ исбон кӕй скодтай, уыцы адӕмы, стӕй Сион — кӕм ӕрбынат кодтай, уыцы хох!
Зондамындмӕ чи хъусы, уый царды фӕндагыл цӕуы, уайдзӕфтӕ чи ницӕмӕ дары, уый фӕдзӕгъӕл уыдзӕн.
Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
Цӕуылнӕ хъуыстон мӕ ахуыргӕнджытӕм? Мӕ зондамонджытӕм мӕ хъус цӕуылнӕ ’рдардтон?
Дӕхи донуаты цы дон ис ӕмӕ дӕхи цъайӕ цы дон кӕлы, уый нуаз.