Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11-12 Дӕ царды кӕрон дӕ буар куы батайа, уӕд хъӕрздзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ: „Зондамынд мын ӕнӕуынон цӕмӕн уыди, уайдзӕфтыл ӕнӕввӕрсон цӕмӕн уыдтӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 5:11
12 Iomraidhean Croise  

Мидӕмӕ йӕм чи бахизы, уый царды фӕндагыл нал ацӕуы.


дӕ хъаруйӕ ӕцӕгӕлӕттӕ бафсӕддзысты, дӕ фӕллӕйттӕ кӕйдӕр хӕдзармӕ ’рхаудзысты.


цалынмӕ фат йӕ игӕрыл нӕ сӕмбӕлы, уӕдмӕ; маргъау тӕхы ахсӕн хызмӕ, уым йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ.


пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?


Уыцы дон ын куы бадара, уӕд, кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи ӕцӕгӕй фӕчъизи кодта ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд, уӕд уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы низӕй ацӕудзӕн — йӕ гуыбын ныддымсдзӕн, йӕ сывӕр федде уыдзӕн, ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуыдзӕн сылгоймаг адӕмы ’хсӕн.


Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.


Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый.


Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».


Куыйтӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ, хӕлд адӕм ӕмӕ лӕгмартӕ, мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ, стӕй, фӕливӕн митыл хӕст чи у ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты ӕдде.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan